Ленд-Лизы акт, Украинайæ дарддæр, хæцæнгарз  фенцондæргонд уагæй  адæттын дары йæ хъуыдыйы, Хурыскæсæн Европæйы бæстæтæн дæр
Ленд-Лизы акт, Украинайæ дарддæр, хæцæнгарз фенцондæргонд уагæй адæттын дары йæ хъуыдыйы, Хурыскæсæн Европæйы бæстæтæн дæр

АИШ-ы президент, Джо Байдены  къухбафыст  «Украинайы  демократи хъахъъхæнæг Ленд-Лизы  акт», Украинайæ уæлдай, хæцæнгарз фенцондæргонд  уагæй  бадæттын йæ хъуыдыйы дары хурыскæсæн Европæйы  бæстæтæн дæр.

Документы куыд у банысангонд  афтæмæй, 2022-2023   фискалон азты,  президентæн йæ бон  у,  ратта  бар  АИШ-ы хицауадæн, рæстæгмæ  пайда кæныны  кæнæ   аренды адæтта хихъахъхъæды фæрæзтæ  Украинайы   хицауадæн кæнæ   Хурыскæсæн Европæйы бæстæтæн, кæцытыл фæзындис  Украинамæ  Уæрæсейы  интервенци, цæмæй  баххуыс уа  ацы  бæстæтæн   иргъæфхъомад стыхджын кæнынæн  æмæ сæ  æмбæстæгты æмæ цæрджыты  баиргъæвынæн, Уæрæсейы тыхты  æрдгæй потенцион  интервенцийæ кæнæ  цæугæ  агрессийæ.

Джо Байдены  къухбафывст Ленд-лизы  акт, Украинайæн  хæцæнгарз  цырд æмæ фенцондæргонд уагæй,   бюрократон  процедурæтæй  уæгъд адæттын дары  йæ  хъуыдыйы.  Конгресс  закъонопроекты  28 апрелы  сфидар кодта.

Ленд-лизы программæ  АИШ-æ  Дыккаг дунейон хæсты  рæстæджы,  фашистон Германийы  ныхмæ тохы  баст бæстæтæн баххуысы нысанæн  скусын кодта.  Ленд-лизы акт  АИШ-ы Конгресс  1941 азы  сфидар кодта  æмæ йыл йæ къух  бафыста  презщидент  Рузвельт.  Ленд-лизы фæрцы, АИШ-æм уыд фадат, нацистон  Германийы  ныхмæ  хæсты баст  бæстæтæн  баххуыс кæнын  бюрократон  барьертæй  уæгъдæй.