Лелобурти Шухутийы  [фотохабар ]
Лелобурти Шухутийы [фотохабар ]

Ланчхуты муниципалитеты   хъæу  Шухутийы, традицион Лелобурти  сырæзт.  Хъазт  фæцис «Квемоуриты» (дæллаг хъæуггæгты)  уæлахиздзинадæй.

Быцæудзинад   аххæссыд  2 сахат æмæ 20 минуты бæрц.

Традицимæ гæсгæйæ,   уæлахигондтæ,   пуртийы  хъуамæ  ахæссой цæугæ азы  фæмардуæвæг  æвзонг æмхъæуггагы ингæнмæ.

Ивгъуыд азы  Лелобуртийы  фæуæлахиз сты  «Земоуритæ» (Уæллаг хъæуггæгтæ).

Зæгъæн ис  дыууæ сæдæ аз у, гуриайæгтæ   афæдзы мидæг  иу  хатт  Лелобуртийы  Куадзæны бæрæгбоныл  хъазынц.Ацы  бон  цæрджытæ   дыууæ  балыл адих вæййынц æмæ кæрæдзиимæ схæцынц уæллаг æмæ дæллаг  Шухутæгтæ.  Чи  фæцæрдæгдæр  уыдзæн æмæ  пуртийы  йæ хъæуы æрдæм   ахæсдзæн,  уæлахиздзауыл  уый цæуы нымад.

Абон Шухутийы   Лелобуртимæ кæсынмæ  ныццыдысты фæсарæйнаг  туристтæ  дæр,  хицауады минæвæрттæ æмæ  хуымæтæг æмбæстæгтæ.