«Лело» рацыд инициативæйæ, арæзт уа парламентон фæдæвзарæг комисси, кæцы сæ информацийæ, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы спец-куыстыты гæнæн цæдистæ бацахуыр кæндзæн
Парти «Лело» рацыд инициативæйæ, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы спец-куыстыты гæнæн цæдисты фæдыл парламентон фæдæвзарæг комисси саразыны фæдыл.
Уый фæдыл абоны брифингыл райхъусын кодта Саломэ Самадашвили.
«Уыцы информацийы, кæцы уыдис журналистон фæдагуырды сюжеты, тынг æргом бæрæг кæнынц факттæ, кæцытæ гæнæн ис уа куыд нæ бæстæйы закъондæттынады ныхмæ фыдракæнд, афтæ æхсæнадæмон барады принципты халын. Уый тыххæй нымайæм, цæмæй абон цæрæм бæстæйы кæцыйы паддзахад æххæстæй йæхибакодта олигарх Бидзина Иванишвили æмæ фæнысангонд сюжеты куыд ацыд информаци, кæцы комкоммæ ис гæнæн зæгъын, зылынджын кæны уымæн сегасдæр æууæнкаг кадры, кæцы нæ бæстæйы абоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаурийы паддзахады ныхмæ фыдракæнды, нæй гæнæн ныфс нæм уа, цæмæй паддзахад æмæ уыцы оргæнтæ кæцытæ хæсджын сты уый саразын, æмæ ауадздзысты фæдагуырд рæстдзинад сбæрæг кæныны нысанæн. Растдæр уый тыххæй, политикон иугонд «Лело Гуырдзыстонæн» рацыд инициативæйæ, тæккæ абон рывналæм консультацитæм æндæр оппозицион партитимæ, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ тагъд саразæм рæстæгмæ фæдагурæг комисси.
Ацы комиссийы рард уыдзæн рæстдзинад сбæрæг кæнын æмæ реагиркæнын уыцы факттыл, кæцыты тыххæй фехъуыстам фæдагурæн сюжеты. Фехъуыстам, цæмæй Вахтанг Гомелаури æмæ Пæк-ы æндæр кусджытæ фембæлдысты куыд Уæрæсейы территорийыл, афтæдæр сфысым кодтой Гуырдзыстоны, Уæрæсейы æмбæлгæ куыстыты минæвæрттæн æмæ семæ æмгуыстады къабаз уыдис Гуырдзыстоны территорийыл æнæзакъонон уæргътæ ауадзыны хъуыддаг саразын, афтæма Уæрæсе æмбæстæгтæн фæтагъдгонд уагæй Гуырдзыстоны æмбæстагад раттын æмæ сын бизнес-куыстæн баххуыс кæнын нæ бæстæйы, афтæма Уæрæсе режимæн æнæфæндон уæнгтæм цæстдард», – банысан кодта Саломэ Самадашвили.