«Лело» медиаторты бавдыст ног документыл къух бафысдзысты. Уый фæдыл Партийы политикон совет уæнг Ираклий Купрадзе фыссы соцаилон хызагы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ партийы политсоветы æмхъæлæсонæй райстой.
«Фæцис «Лелойы» политсоветы рабадт. Хаст æрцыд уынаффæ, ома къух бафысдзыстæм Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты бавдыст документыл. Уынаффæ хаст æрцыд æмхъæлæсонæй!», – фыссы Ираклий Купрадзе.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ знон бавдыста. Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.