«Лело» - хъыгдзинад æвдисæм Лексо Лашкаравайы мæлæты тыххæй, курæм премьер-министры æмæ МХ министры æнæаргъæвгæ куыстуæгъд
Никæмæн ныббардзыстæм адæймаджы трагикон мæлæт, уынгæг политикон интересты тыххæй адæймагты рауæлдай кæнын æмæ паддзахад ныппырх кæныны архайд – уый фæдыл «Лелойы» фидиуæны дзырдæуы, кæцыйы парти, «Тв Пирвелийы» операторы, Лексо Лашкаравайы мæлæты фæдыл публикаци кæны.
«Журналистты ныхмæ сæххæст спецопераци амæттагæй фæцис.
Арф хъыгдзинад æвдсиæм «Тв Пирвелийы» оператор Лексо Лашкаравайы мæлæты тыххæй, фæзындтæ, кæцыты срухс кæныннæн нывонд æрцыд Лексо, уырыссаг сценарийы хай у Гуырдзыстоны, кæцыйы нысан у бæстæйы æмбæстагонд быцæудзинад расайын æмæ падздахад ныппырх кæнын. Ацы сценарийæн саугуырм æххæстгæнджытæ ис, фæлæ хъыгагæн йын ис заказгæнджытæ æмæ плангæнджытæ Гуырдзыстоны хицауады бæрзонддæр эшелонты.
Ис нæм бындурджын зæрдæхсайд, ома æхсæнадæн сенситивон темæтæй хъазын у хицауады радон разæвзарæнон авнтюрæ, кæцыйæн нывонд кæнынц конкретон адæймæгты, паддзахады интерестæ.
Курæм премьер-министры æмæ мх министры æнæаргъæвгæйæ куыстуагъд. Премьеры- фидиуæнтæ сегасдæр вазыгджын уавæры, цырынгæнæг роль сыххæст кодтой æмæ МХМ нæ бахъом ис кæнæ та барæй ницы сарызта тыхмидзинад кæрон скæнынæн.
Курæг стæм фактыл цырд æмæ рæстаг фæдагуырд ауадзын, хæдбар экспертизæ æмæ фæдагуырды рæстæджы минимум ацы бæрзонд гæстæ, мауал хъуамæ уæд сæ куыстбынæттыл.
Никæмæн ныббардзыстæм æнаххос адæймаджы трагикон мæлæт æмæ нæ фæбардзыстæм уынгæг политикон интересты тыххæй адæймæгты нывонд кæнын æмæ паддзахад ныппырх кæныны архайд!» -дзырдæуы «Лелойы» фидиуæны.