«Лело» банхъарыд инициативæ, парламентон комсси саразыны фæдыл, цæмæй рабæрæг уа уыцы уæнгты нæмттæ, кæй ныхмæ рæгъмæ хаст у дæр 20 июны фæзындты фæдыл тугтæрхоны хъуыддаг
Æвдисæм инициативæ, сырæзæт парламентон комисси уыцы уæнгты сбæрæг кæнынæн, кæй ныхмæ дæр 20 июны фæдыл хъуыддаг у рæгъмæ хаст, – уый фæдыл «Лелойы» лидер Мамука Хазарадзе «Стратегиа Агъмашенебелийы» офисы, журналисттæн загъта, цы ран цæуы оппозицийы лидерты фембæлд.
Хазарадзейы дзырдæй, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц» уыцы уæнгты нæмттæ æмбæхсы, кæй ныхмæ дæр рæгъмæ хаст æрцыд хтугтæрхоны хъуыддаг, уый тыххæй дæр, амнистий рауадзыны онг хъæуы æхсæнадæн базонын кæнын, чи сты уыдон.
«Президент Мишелы документы ацы пункт, кæцыйыл къух бафыстам, æндæргъуызон ратæлмац кодтой «Гуырдзиаг Бæллиццы» знон байхъуыстам, цæмæй хъавынц уыцы уæнгтæн амнисти раттын, кæцы баххæссдзæнис тынг уæрæх спектр. Уый тыххæй дæр, тынг бирæ фарст фæзындис дзыллæйы мидæг, уымæн æмæ ныры онг уыдис æртæ пъæлицæйаг æмæ акцийы 16 хайадисæг, кæцытыл цыдис ныхас. Афтæмæй æнхъарæм инициативæ, сырæзæт парламентон комисси, цæмæй иу хатт æмæ фæстагмæ рабæрæг уа, чи сты уыцы уæнгтæ, кæцыты ныхмæ рæгъмæ хаст у тугтæрхоны хъуыддаг. Ацы информаци бæрæг нæу, уымæн æмæ «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ прокуратурæ уый æмбæхсынц. Уый тыххæй дæр курæг стæм оппозицийæ, нæ фарс рахæцæт ацы инициативæйы, сырæзæт парламентон комисси ацы гоймæгты рабæрæг кæнынæн, цæмæй æхсæнад зона, чи адæтта бардзырд, чи йæ сыххæст кодта, чи фæуæлдай кодта йæ бартæ æмæ тых æмæ а.д.», – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.