Латвийы премьер-министр – Гуырдзыстоны хицауад фæтагъд кодта змæлд Евроцæдисы æрдæм æмæ уый дзæбæх у
Иæ хъуыдымæ гæсгæ бæрæг у, гуырдзиаг адæм цы дзуры уый, фæлæ афтæдæр цымидисон у Гуырдзыстоны хицауадмæ байхъусын, хицауад фæтагъд кодта змæлд Евроцæдисы æрдæм æмæ хъуыды кæнын, уый дзæбæх у ,- уый фæдыл Латвийы премьер-министр, Кришианис Кариньш Брюсселы райхъусын кодта, цы ран Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлд цæуы.
Йæ дзырдæй зæгъгæ нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстон райса кандидаты статус.
«Æз тынг йæ фарс хæцын уымæн æмæ Гуырдзыстоны æрдæм лæвæрд уыд рекомендаци кандидаты статус раттыны фæдыл. Цæй зæгъын æй хъæуы ныр Гуырдзыстоны хицауадыл у баст, сараза дарддæры къахдзæфтæ», – райхъусын кодта Кариньш.