Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны 13 æмбæстаг персона нон грата расидтысты
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны 13 æмбæстаг персона нон грата расидтысты

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны ноджы 13 æмбæстаг персона нон грата расидтысты. Уый фæдыл Байба Брадже социалон хызагы ныффыста.

«Æз райстон уынаффæ, цæмæй ноджы 13 Гуырдзыстоны æмбæстаджы бахæссой Латвийы Республикæйы персона нон грата номхыгъдмæ, иммиграцион закъоны 61 статьямæ гæсгæ. Латвимæ физикон гоймæгты бацыды тобæ æнæбæрæг æмгъуыдмæ æрцыд æвæрд», – фыссы Латвийы æддаг хъуыддæгты министр, Байба Браже.