Латви Гуырдзыстонæн 15 мин дозæ ковиды ныхмæ вакцинæ радæтдзæн – уый фæдыл Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарс Ринкевичс, гуырдзиаг коллегæ, Давит Залкалианиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Райгонд дæн, цæмæй рсызмæлын кодтам процесстæ æмæ логистикон фарстæйы æрдгæй, «Ковиды» ныхмæ 15 мин дозæ вакцинæ лæвæрд уыдзæн Гуырдзыстонмæ», – банысан кодта министр.
Ринкевичс бахахх кодта пандемиимæ тохы иумæйаг тыхайрхайды нысаниуæг. Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр фæныхас кодта комкоммæ тахтытæ сног кæныныл æмæ банысан кодта, цæмæй «Эар балтик» Тбилиси-Ригайы рейстæ æххæст кæны къуырийы æртæ хатты æмæ ныфс разагъта, цæмæ дыууæрдæм змæлд тагъд æрыздæхдзæн пандемийы размæ уæвæг уавæрмæ.