Ланчхуты муниципалитеты хъæу Акъеты цæрджытæ цæугæдон Супсайæ инертон æрмæгы исын протест кæнынц
Ланчхуты муниципалитеты хъæу Акеты протестон акци ацыд. Акцийл, цæугæдон Супсайæ змис-æмæ дурæрмæгы сисын спротест кодтой. Бынæттон цæрджытæ нымайынц, цæмæй фæнысангонд процесс закъонсастæй цæуы, кæцы экологион проблемæтæ расайдзæн. Сæ дзырдæй, зæгъгæ цæугæдон аскъæфа хъæууон-хæдзарадон зæххытæ, æввахс хид дæр аласта æмæ куыстыты адарддæры цауы, эконологион катастрофæ æнæмæнгæй уыдзæн.
«Проблемæтæ нырил райдыдтой. Ардгæй сæдæ метры дæрццæг хъæууон-хæдзарадон зæххытæ ис æмæ тыллæг æнæхъæнæй фесæфтис. Мах хъуыды кæнæм цæмæй уый у цæугæдоны арфады рæзты аххос. Нартхормæ нæ хъары уый бæрц дон, сæрды цы бахъæуы. Цъай кæмæн удон алчидæр хъаст кæнынц кæй ныссур вæййы уый тыххæй. Централон магистрал нæй, ныр цæуы арызт, фæлæ ацы этапыл дон тынг дардæй ласæм. Курæм урæд æрцæуæд ам инертон æрмæгы амалкæнын. Исчи хъуамæ бамбара ай бæрц инертон æрмæгы ардгæй исын гæнæн нæй. Фондзазон лицензи раттой компанийæн æмæ авд мæймæ æрдæгæй фылдæр ныридæгæн систой. Ноджы 3000 хæдтулгæ дзæххор хъуамæ аласой ардгæй мæ сæй ма ам цы баззайдзæн? Куыстытæ куы нæ фæуромой, уæд тынг æвзæр ацæудзæн хъуыддаг. Адæм мæсты сты. Нæ проблемæтæ ницæмæ дарынц. Æгæр у нырид», – хъусын кæны акцийы иуæй-иу хайадисæг.
Фæнысангонд куыстытæ æнæххæстбар æхсæнад «Ахали Кархана» æххæст кæны. Йæ минæвæрттæ абоны акцимæ нæ фæзындысты. Фæнысангонд фарстайыл комментари нæ сарызта бынæттон хицауад дæр.
Акъеты цæрджытæ Гуырдзыстоны юристты ассоциацимæ дæр баздæхтысты. Организацийы минæвæрттæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, дзæххоры амал кæнын цæуы закъонсастæй æмæ фарстайы деталонæй бацахуыр кæнын хъавынц.
Бынæттонтæ æркуырдтыл æнæаргъæвгæйæ реагиркæнын домынц, науæд та хъусын кæнынц, цæмæй акцитæ адарддæр уыдзысты.