Ланчхуты муниципалитеты донæввонг æххæстæй сног ис, хъæгыгæн, газы æрдгæй нын ис 1 500-ы онг абонент кæцытæм газ лæвæрд нæ цæуы, – уый фæдыл хицауады администрацийы регионтимæ ахастыты департаменты хистæр хæдивæг Мераб Гамхърелидзе фехъусын кодта.
Йæ дзырдæй, сæумæрайсомæй цæуынц реабилитацион куыстытæ.
«Сыджытлæсæн тынг бирæ сыхы базиан кодта. Ам нæ дзурæм ранæй-рæтты зиæнттыл, иуæй-иу ран скуыд сты хæтæлтæ. Ацы минутмæ бынтон нæй электроэнерги цыппар хъæуæн, фæлæ ацы цауы дæр сæумæрайсомæй райдыдтам сноггæнæн куыстытæ ныссыгъдæджы куыстимæ иумæ, уымæн æмæ фæлдæхт сты электроадæттæн цæджындзтæ. 10 000 абонентæй 1500-ы онг баззад, кæцытæм электроэнерги нæй. Уæззау уавæр ис Чочхаты территорийыл, цыран дарддæр кæнынц нысыгъдæггæнæн куыстытæ. 100-ы онг бинонты аргъæвдтам рæстæгмæ цæрæн рæттæм. Ноджы 100-ы онг адæймаг ис, кæцытæ сæрмагонд фæндæй æмæ тыхтæй ахицæн кодтой æндæр ран ацæуын. Ацы этапыл цæуы ноджы централон фæндæгты ныссыгъдæг, цæмæй стæй мидфæдæгтæм бацæуын бантыса. Знон æхсæв фæбæрæг ис уæлæмхас бынæттæ цы ран хъуамæ концентраци скæнæм æмæ афоныл локализаци скæнæм сыджтлæсæн. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, абон изæрмæ бирæ локаци уыдзæн сыгъдæг æмæ гæнæн бауыдзæн змæлд сног кæнын, цæй фæстæ дæр райдайдзыстæм хидтыл кусын», – райхъусын кодта Гамхърелидзе.