Лана Галдава – Саломэ Зурабишвили иугæнæг у, бирæ коммуникаци нæм ис, Гиоргий Вашадзе цы зæгъынмæ хъавыд, уый бæлвырд нæ бамбæрстон
Лана Галдава – Саломэ Зурабишвили иугæнæг у, бирæ коммуникаци нæм ис, Гиоргий Вашадзе цы зæгъынмæ хъавыд, уый бæлвырд нæ бамбæрстон

Саломэ Зурабишвили иугæнæг у, куыд адæмæн, афтæ дæр бæстæйы мидæг оппозицион тыхтæн, афтæ дæр æппæтдунеон аренæйыл сеппæтæй хуыздæрæй æвдисы Гуырдзыстоны интерестæ – уый фæдыл «Тыхджын Гуырдзыстоны» уæнг Лана Галдава расидтис.

Галдава Гиоргий Вашадзейы расидæны фæдыл комментари сарæзта, цыран Вашадзе банысан кодта: «Æскъуыддзаг у иумæйаг стыр политикон платформæ саразын. Фæнды мæ зæгъын алы партийæн, се æхсæн г-жа Саломейæн дæр, цæмæй ныр нæу рæстæг, цæмæй рахицæн кæнæм, чи кæцы партимæ хауы».

«Мах стæм йæ инициргонд Гуырдзыстоны хартийы къухфыстытæ, кæцы у хæслæвæрд, æндæр оппозицион коллегæтимæ иумæ, реформæты сæххæст кæнын». Уыимæ иумæ, мах хайад исæм, æндæр оппозицион æмæ æнæхицауадон организацитимæ иумæ, Саломэ Зурабишвилийы инициргонд къорды, кæцы æвзæрстыты æрдæм кусы. Уымæ гæсгæ нын бирæ коммуникаци ис, ацы этапыл фылдæр ныхас кæнын рагацау у, уый рабæрæг уыдзæн æмгуыстады процессы» – райхъусын кодта Галдава.