Куыд схъæлæс кæнæм коронавирусы пандемийы уавæрты [видео]

ЦÆК ахæлиу кодта  видео-инструкци  цæмæй  куыд  схъæлæс кæнæм   коронавирусы пандемийы   уавæрты.

ЦÆК-ы  банысан кодтой,  цæмæй   хъæлæскæныны  процесс  æдас у  æмæ  халæппæрсты  бæстыхайы хъахъхъæд сты  инфекцийы  апарахат маруадзынæн  алы   хъæугæ  амæлттæ.

«Æвзарæнон фадыгмæ  бацыды  рæстæджы  ацæут маркировкæйæ  басгæрст;  хъæлæскæныны  уатмæ  бахизыны онг   уæ къухтæ байсæрдут   бацæуæны  æвæрд  дезинфекцион таддагæй;  адæмы къада-гæсæн бавдисут  уæ гоймагы æвдисæнгæххæт кæнæ Гуырдзыстоны æмбæстагы  паспорт  æмæ   рæстæгмæ  райсут маскæ  идентификацийы  тыххæй; регистратортæн бавдисут    гоймагы  æвдисæнгæххæт кæнæ паспорт  æмæ  рæстæгмæ  райсут маскæ;  ацæут маркировкæйы процедурæ;  уæ къух  рафыссут  æвзæрстгæнджыты  номхыгъды  регистраторы  раз  æвæрд  индивидуалон  фыссæнæй;  уыцы  фыссæнæй фæлхас кæнут  æвзарæнон бюллетен баххæст кæныны рæстæджы;   райсут регистраторæй  мыхуыр æмæ  къухфыстæй  бæлвырдгонд  æвзарæнон  бюллетентæ;  сусæг  хъæлæскæныныны кабинæйы  схъæлæс кæнут  æмæ  бакъæдз кæнут  бюллетен афтæ, цæмæй   ма  зына кæмæн схъæлæс кодтат уый;

Уæ зæрдыл дарут, хъæлæскæнын  у  сусæг – кабинæйæ  рацыды  фæстæ, конверты  мидæг æй   уæхæдæг  нывæрут  бюллетентæ;  конверт ныппарут  æвзарæнон къоппмæ;  фыссæн   ныууадзут  специалон  контейнеры;  хъæлæскæныны  бæстыхайæ рацыды рæстæджы,  спайда кæнут рацæуæны  æвæрд  дезинфекцион  таддагæй»-  хъусын кæнынц ЦÆК-ы.