Кутаисы, ногарызт корпусты тыхбын бынативгæ 480  бинонтæм лæвæрд уыдзæн цæрæнуаттæ
Кутаисы, ногарызт корпусты тыхбын бынативгæ 480 бинонтæм лæвæрд уыдзæн цæрæнуаттæ

Лигъдæтты, экомигрантты æмæ цæрынæн хъæугæ  ифтонгады агентад Кутаисы,   ногарæзт  корпусты тыхбын бынативгæ  480  цæрæнуаттæ  адæтдзæн.

Æнæнизхъахъхъæды министрады пресс-куысты информацийæ, цæрæн фæзуатты  райуæрсты  фæдыл  уынаффæ  лигъдæтты фарстаты  бацахуыргæнæг комисси  дæргъвæтин  цæрæнуатты  райуæрсты  критеритæм æбæлгæйæ рахаста.

Уагдоны хъусинагæй, лигъдæтты бинонты номхыгъд, кæцытæн Кутаисы, æххæстæй рацалцæггонд  цæрæнуаттæ ратдзысты, агентады вебфарсыл  уыд публикацигонд.

с«Лигъдон бинонты  цæрæн уаттæй  ифтонг кæныны нысанæн,  Гуырдзыстоны премьер-министры  анонсгонд  прецедент цæмæн нæй  ахæм масштабон  арæзтадон куыстытæ  райдыдта Тбилисы, Кутаисы, Зугдиды, Рустав æмæ  Борджомы.  2025 азы  кæронмæ  ног  цæрæнуаттæ  тыхбынбынативгæ  13 000 бинонтæм уыдзæн лæвæрд 7000-ы онг  бинонтæ  цæрæнуаттæ райсдзысты  ногарызт корпусты, 6000 бинонты та  хъæуты хæдзары программæйы фæлгæтты æрцæрын кæндзысты», – дзырдæуы  министрады  пресскуысты  публикацигонд информацийы.