Куадзæны бæрæгбæтты рæстæджы, Тбилисы метройы æмæ автобусты змæлд лæвар уыдзæн
Куадзæны бæрæгбæтты рæстæджы, Тбилисы метройы æмæ автобусты змæлд лæвар уыдзæн

Куадзæны фæдыл, Тбилисы метро 12-æм апрелы райсомы 4:00 сахатмæ кусдзæн, змæлд та 11-æм апрелы 23:00 сахатæй 12-æм апрелы 4:00 сахатмæ уыдзæн æнæаргъ – уый фæдыл Тбилисы мэрийы хъусын кæнынц.

Уымæй дарддæр ма Тбилисы мэрийы æскъуыддзагæй 12-13 апрелмæ 9 уæлæмхасæн автобусы маршрут баконд æрцыд.

«Автобустæ бæлццæтты ласынц райсомы 8:00 сахатæй изæры 8:00 сахаты онг Мухатгверди, Вашлиджвари, Кукиа, Ног Кукиа, Махата, Сабуртало, Гърмагъеле, Вели æмæ Варкетилы уæлмæрдты æрдæм.

«Автобустæ ацæудзысты метройы станцæтæй: Марджанишвили, Делиси æмæ Сараджишвили, Варкетилийы станцæйы алыварс, афтæ ма Дидубейы станцæйы уæллаг рацæуæнæй, Станцæйы фæзуатæй (Тбилисы Централ), Бесарион Чъичъинадзейы уынгæй (25-æм бæстыхайы ныхмæ) æмæ Варкетилийы III массивæй æмæ Шуатамы æхсæнвæндæгтæй Абашвилийы уынгтæ.

Снысангонд маршруттæ æмбæстæгтæн дыууæ бон уыдзысты æнæаргъ» -ис фыст Тбилисы мэрийы фидиуæны.