Куадзæны æхсæв  метро  кусдзæн 00:00 сахатæй 04:00 сахатмæ
Куадзæны æхсæв метро кусдзæн 00:00 сахатæй 04:00 сахатмæ

Куадзæны  æхсæв  метро  кусдзæн 00:00 сахатæй  04:00 сахатмæ, – уый фæдыл  райхъусын кодта Тбилисы мэр Каха Каладзе   горæты хицауады  рабадтыл  æмæ  бæрæгбонты   муниципалон транспорты  змæлды тыххæй фæныхас кодта.

«Куадзæны æхсæв  метро   кусдзæн  04:00  сахатмæ уымæн æмæ бирæ адæймаг  фæцæуы аргъуанмæ,   уым  баззайынц  скуывдыл  æмæ  стæй  æздæхынц  хæдзæрттæм.  Мах  цæрджытыл  бакой  кодтам, цæмæй æхсæнадон транспортæй  сын  уа  фадат  спайда кæнын.   Метро 24 апрелы   кусдзæн 00:00 – 04:00  сахатмæ. Уымæй  уæлдай ма 24 æмæ 25 апрелы, 08:00 сахатæй  20:00 сахатмæ   Тбилисы  уæлмæрдты æрдæм  змæлдзысты   автобустæ  æнæфидгæйæ», – банысан кодта  Тбилисы  мэр.