Ксавье Бателл – кæд афтæ зæгъæм, цæмæй æвзæрстыты тыххæй санкцитæ хъуамæ æрæвæрæм, уæд фыццаджыдæр хъуамæ бамбарæм, цæмæй сайд уыд æмæ уый нæу уый тыххæй, æмæ нæ зæрдæмæ нæ цæуы æвзæрстыты фæстиуджытæ, хъæуы дискусси, бадзырд
Кæд æмæ зæгъæм, цæмæй æвзæрстыты тыххæй хъуамæ æрæвæрæм санкцитæ, уæд фыццаджыдæр хъуамæ бамбарæм, цæмæй сайд уыд, æмæ уый уымæн нæ цæуы, æмæ нæ зæрдæмæ нæ цæуынц æвзæрстыты фæстиуджытæ – уый фæдыл Люксембургы фæсарæн хъуыддæгты министр, Ксавье Бателли расидтис .
Йæ ныхасмæ гæсгæ, 27 уæнг бæстæйы æхсæн æнæмæнгхъæугæ у æруынаффæ кæнын æмæ ссарын бадзырд.
«Чысыл тæрсын, цæмæй кæд зæгъæм, цæмæй æвзæрстыты тыххæй хъуамæ снысан кæнæм санкцитæ, уæд æз фыццаг хъуамæ бамбарон æмæ фехъусон, сайд кæй уыд, уымæн æмæ æргомæй зæгъгæйæ, Гуырдзыстоны æвзæрстытæ сæдæгай цæстдарджытæ кастысты. Уымæ гæсгæ, мæнæн нысаниуæгджын у фенын, уыдис æви нæ исты сайд, æмæ уый нæ цæуы, уымæн æмæ нæ зæрдæмæ нæ цæуынц æвзæрстыты фæстиуджытæ æмæ уый тыххæй дæр сæ ныртæккæ хъуамæ бафхæрæм, фæлæ Гуырдзыстоны хицауады ми æнæрайсгæ у. Протестгæнджыты æфхæрын, ахæм тыхмидзинадæй сæ ныхмæ спайда кæнын у æнæрайсгæ. Ацы цауы мах хъуамæ бафхæрæм аххосджынты, фæлæ партийы бафхæрын, уымæн æмæ æвзæрстыты равдыстой хорз фæстиуджытæ, кæд æмæ мах хуыздæр кодтам, цæмæй хорз фæстиуджытæ ма равдыстаиккой – уый мæнмæ гæсгæ нæу. Уый тыххæй дæр 27 уæнг бæстæйы æхсæн æруынаффæ кæнын æмæ разыдзинад ссарын хъæуы, кæцы алы хатт æнцон нæ вæййы. Ис дзы дыууæ хъуыддаджы. Иу у æвзæрстытæ – рæстаг æвзæрстытæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, цæмæй кæд æмæ æвзæрстытæ рæстаг уыдысты, уæд уый нæу, цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ нæ зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ йæ ууыл аххосджын кæнæм, фæлæ ныртæккæ хицауады уагахаст у политикон бæрндзинад, куыд ахаст дарынц демонстранттæм , уыдон æцæгæйдæр цæуынц æнæраст здæхты. Уый хъуамæ тæрхон кæнæм æмæ ис бæрнон адæймæгтæ, кæд æмæ йæ æвзæрстыты фæстиуджытæм аххосджын кæнын нæй гæнæн» -расидтис Люксембургы æттаг хъуыдтæгты министр.