Кристин Лагард – Мамука Бахтадзейы къухдариуæгæй сырæзт егъау хъуыддаг стабилондзинады, коррупциимæ тохы, ахуырады æмæ инклюзивон рæзынады æрдгæй
«Уæ къухдариуæгады преиоды фылдæр хъуыддаг сырæзт стабилондзинады, коррупциимæ тохы , ахуырады æмæ инклюзион рæзында æрдгæй», – ацы ныхæстæй баздæхт Æхсæнадæмон Валютон Фонды къудариуæггæнæг (ÆВФ) Кристин Лагард Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадземæ, хицауады администрацийы уагъд иумæйаг пресс-конференцийыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ÆВФ фидæны дæр адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны хицауады инициргонд реформæтæн æнцой дарын.
«Мæ бон у æнæфæуромгæйæ ранымайын уыцы рардтæ, кæцытæ ис уæ программæйæ, æмæ кæцытæ сымах мысанмæ систат уæ адæмы пайдайæн, цæмæй æрцæуат стабилондзинадмæ æмæ прогрессмæ уæ дзыллæйы. Тагъд фæуыдзæн цыппæрæм афæлгæст. Æртыккаг афæлгæст фæцис ивгъуыд азы декабры. Ныр ма нæ бирæ цыдæр саразын хъæуы, цæмæй кæронмæ бакæнæм, финансдзинады уæрæх механизмы программæ. Уырнæг дæн, цæмæй уыцы хъуыддаджы дæр стыр æнтыстытæм æрцæудзыстут. Æххуыс уын кæндзынæн сымах æмæ уæ хицауадæн фидæны дæр, цæмæй реформæтæ æххæст цæуой уæ мысæнттæм æмбæлгæйæ», – райхъусын кодта Кристин Лагард.