Кристиан  Терхес -  ма хъуамæ  ферох кæнæм, цæмæй хицауадтæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ адæм баззайы,  гуырдзиаг адæмæн  æнæмæнгхъæугæ у  мах æххуыс, Гуырдзыстоны бынат ис Евроцæдисы
Кристиан Терхес - ма хъуамæ ферох кæнæм, цæмæй хицауадтæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ адæм баззайы, гуырдзиаг адæмæн æнæмæнгхъæугæ у мах æххуыс, Гуырдзыстоны бынат ис Евроцæдисы

Макуы хъуамæ ферох кæнæм, цæмæй  Гуырдзыстон уыд фыццаг бæстæ, кæцыйы ныхмæ  Уæрæсе  сæххæст кодта агресси 2008 азы, Уæрæсейы хæсты фæстиуæгæн  кунæггонд  Гуырдзыстон нæ фæзылдис  йæ  проныгуылæйнаг  курсæй –  уый фæдыл  европарламентари  Кристиан  Терхес  Европарламенты  Гуырдзыстоны фарстайы фæдыл  дебаттыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны  бынат ис Евроцæдисы æмæ сæ  хъæуы æххуыс ацы нысанмæ баххæссынæн.

«Ма хъуамæ  ферох кæнæм цæмæй  Гуырдзыстон уыд фыццаг бæстæ, кæцыйы ныхмæ  Уæрæсе  сæххæст кодта агресси 2008 азы. Уый æрцыд   Косовойы  банымады фæстæ, Франц æмæ  Германи  нæзагъд ракодтой  Гуырдзыстон æмæ Украинайæн  НАТО-ы уæнгсуæвыныл Бухаресты, НАТО-йы  саммиты ныхмæ.  Европæ йеуæд  фидар позици куы равдыстаит, уæд ацы хæсты фæстæ Уæрæсейы  ныхмæ, уæд гæнæн ис  Украинайы ацы агрессивон хæст ма руагъдаиккам.   Уæрæсейы хæсты фæстиуæгæн  куынæггонд  Гуырдзыстон, йæ территориты  дыууын проценты оккупаци куы скодта Уæрæсе,  нæ фæзылдис  йæ  проныгуылæйнаг  курсæй. Гуырдзыстон уыд  иуæй-иуу акæнæг Хурыскæсæн Партнерады  бæстæты æхсæн, афтæма  Гуырдзыстон у ассоциацигонд триойы  уæнг.  Йæ евроатлантикон  тырнынадтæ фыст сты конституцийы.  Макуы  хъуамæ  ферох кæнæм, цææмй  хицауадтæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ  нацитæ  æмæ адæм баззайынц.  Гуырдзиаг адæмæн æнæмæнгъхæугæ у нæфарсдарын æмæ фидар сигнал Евроцæдисæй  ацытæккæ.  Гуырдзыстоны бынат ис Евроцæдисы  æмæ  сын æнæмæнгхъæугæ  у  мах æххуыс ацы  нысанмæ бахæссынæн» – райхъусын кодта европарламентари  Кристиан  Терхес.