Европаг Советы президент, Шарль Мишелы сæрмагонд минæвар Кристиан Даниелсон, «Гуырдзиаг Бæллиццы» минæвæрттимæ фембæлдмæ бацыд. Фембæлд цæуы Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады офисы.
«Гуырдзиаг Бæллиццæй» фембæлдмæ рацыдысты партийы сæрдар Ираклий Къобахидзе, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе æмæ партийы политикон советы уæнг Шалва Папуашвили.
Афтæдæр фембæлды хайад исынц Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан æмæ Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
Фембæлды размæ комментаритæ ничи ратта.
Уыимæ иумæ, Евроцæдисы минварады фемблæдтæ план кæнынц оппозицийы минæвæрттимæ дæр.
Зноны фембæлды фæстæ Евроцæдисы минæварады офис, минæвæрттæ æнæкомментаритæй ныууагъдтой. Фембæлдыл уыдысты Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл æмæ АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.
Знон оппозицион партитимæ фембæлды фæстæ фасилитатортæ Евроцæдисы минæварады офисы аст сахатæй фылдæр рæстæг арвыстой.