Кремль Германийы  Зелимхан  Хангошвилийы   марындзинадимæ  Уæрæсейы  хицауады  бастдзинадыл нæ сæтты
Кремль Германийы Зелимхан Хангошвилийы марындзинадимæ Уæрæсейы хицауады бастдзинадыл нæ сæтты

Кремль Германийы  Зелимхан  Хангошвилийы   марындзинадимæ  Уæрæсейы  хицауады  бастдзинадыл нæ сæтты.   Уый фæдыл Уæрæсейы президенты  пресс-нымæрдар  Дмитрий Песков,  журналистты   фарсты дзуаппæн    райхъусын кодта.

«ХЪæддыхæй  нæзагъд кæнын  ацы   цауы, ацы  марындзинады бастдзинадыл Уæрæсейы хицауадимæ»- райхъусын кодта Дмитрий Песков.

Гуырдзыстоны æмбæстаг этниконæй  цæцæйнаг  40 аздзыд  Зелимхан  Хангошвилийы Берлины  æхсæнгарзæй  фехсгæйæ 23  августы фæмард кодтой.  Ныгуылæйнаг медиа куыд   фыссы  афтæмæй,   марындзинадимæ гæсгæ немыцаг  барадхъахъхъæнджытæ  æрцахстой  Уæрæсейы  æмбæстаг  49  аздзыд  нæлгоймагы.  «ВВС» фыссы, цæмæй  «Берлины  æмбæхст  цæцæйнагы, кæцы Уæрæсейы  æфсады ныхмæ  хæцыд,   Берлины  паркъы,  æнхъæлцау  уырыссаг агент фехста».