Коронавирусыл  «PCR» иртæсты  документты фæмæнг кæныны аххосæй  иу гоймагы  æрцахстой
Коронавирусыл «PCR» иртæсты документты фæмæнг кæныны аххосæй иу гоймагы æрцахстой

Гуырдзыстоны  финансты  министрады  фæдæвзарæг    куысты минæвæрттæ, оперативон-агурæн  мадзæлтты æмæ  фæдæвзарæг   архайдтыты  фæстиуæгæн,  мæнг  официалон документтæ  æрцæттæ кæныны-реализацийы  фактыл  иу гоймагы æрцахстой, – информацийы  хъусын кæны  фæдæвзарæг   куыст.

«Фæдагуырдæй  бæрæг ссис,  цæмæй   зылынмæ лæвæрд уæнг,  дыууæ  интересджын  гоймагæн  Имереты  регионы уæвæг   иуæй-иу  медицинон  уагдоны  номæй,  æмбæлгæ   лабораторион иртæстæй æнæауадзгæйæ, 200 ларийæ  æрцæттæ  кодта æмæ сæм адæтта  ног коронавирусы  «PCR»  лабораторион   иртæсты æппæрццаг  фæстиуæг æвдисæг   документтæ.

Фæдæвзарæн  архайды фæстиуæгæн  ист æрцыд   стыр нымæцæй, рагафонæй  къухбафыст æмæ   мыхуырæй   бæлвырд  æнæбаххæстгонд  документты  сыфтæ.

Фæдагуырд цæуы  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны   барады  кодексы  362 статийы  фыццаг  æмæ  221-æм статийы  4-æм хайæ, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  ахстæй æфхæрд  4-æй   6 азы онг æмгъуыдмæ», – хъусын кæнынц  уагдоны.

Афтæма  сæ информацийæ,   дарддæр кæнынц æмбæлгæ  мадзæлттæ, фæнысангонд  фыдракæнды  гæнæн хайадисæн  æндæр уæнгты  рабæрæг-раргом кæныны нысанæн.