Фæдæвзарæг  куыст – цæугæ   мадзалы  фæлгæтты,   сгæрст  сырæздзæн  хъæдæрмæг бакусæн,   куыд гуырдзиаг  афтæ  фæсарæйнаг   компаниты
Фæдæвзарæг куыст – цæугæ мадзалы фæлгæтты, сгæрст сырæздзæн хъæдæрмæг бакусæн, куыд гуырдзиаг афтæ фæсарæйнаг компаниты

Гуырдзыстоны финансты-министрады фæдæвзарæг куыст цæугæ азы   фæдагуырды  фæлгæтты  багардзæн  алы   регистрацийы  уагъд алы    хъæд бакусæн æрмадз,  æнæкæсгæ   уымæ чи сты сæ  хицæуттæ.

Фæдæвзарæг куысты    куыд хъусын кæнынц   афтæмæй,   ацы  этапыл  снысан ис  басгæрст  дыууæ фæсарæйнаг  (китайаг  æмæ  ирайнаг) компанийы,  кæцыты  куысты   иуæй-иу   сæйраг  сферæ у   хъæдæрмæг бакусын-реализаци.

Афтæдæр сæ   информацийæ,   абоны бонмæ   фæдæвзарæн  мадзæлттæ,  уагъд цæуынц æппæт бæстæйы   масштабæй.  Басгæрст  ныридæгæн цæуы  хъæдæрмæг  бакусæн  52  кондады.  Мадзалы фæлгæтты, ацы  этапыл   фæбæрæг ис  æнæрегистрацийæ архайæг  23 кондад  æмæ   ист æрцыд   дæсгай кубон метр  хъæдæрмæг.

Хъæдæрмæгы  реализацийы   закъонондзинад  бацахуыр кæныны  нысанæй,   Тбилисы, Кутаис æмæ Батумы   уæвæг базарты,   хъæдæрмæгæй  базаргæнæг  150-йæ  фылдæр   объектыл   инвентаризаци цæуы.

Фæдагуырд  цæуы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады   кодексы  210-æм, 192-æм,  287-æм прима,  æмæ 303-æм  статитæй.