Коронавирусыл «PCR» иртæсты документты фæмæнг кæныны аххосæй иу гоймагы æрцахстой
Гуырдзыстоны финансты министрады фæдæвзарæг куысты минæвæрттæ, оперативон-агурæн мадзæлтты æмæ фæдæвзарæг архайдтыты фæстиуæгæн, мæнг официалон документтæ æрцæттæ кæныны-реализацийы фактыл иу гоймагы æрцахстой, – информацийы хъусын кæны фæдæвзарæг куыст.
«Фæдагуырдæй бæрæг ссис, цæмæй зылынмæ лæвæрд уæнг, дыууæ интересджын гоймагæн Имереты регионы уæвæг иуæй-иу медицинон уагдоны номæй, æмбæлгæ лабораторион иртæстæй æнæауадзгæйæ, 200 ларийæ æрцæттæ кодта æмæ сæм адæтта ног коронавирусы «PCR» лабораторион иртæсты æппæрццаг фæстиуæг æвдисæг документтæ.
Фæдæвзарæн архайды фæстиуæгæн ист æрцыд стыр нымæцæй, рагафонæй къухбафыст æмæ мыхуырæй бæлвырд æнæбаххæстгонд документты сыфтæ.
Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 362 статийы фыццаг æмæ 221-æм статийы 4-æм хайæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары ахстæй æфхæрд 4-æй 6 азы онг æмгъуыдмæ», – хъусын кæнынц уагдоны.
Афтæма сæ информацийæ, дарддæр кæнынц æмбæлгæ мадзæлттæ, фæнысангонд фыдракæнды гæнæн хайадисæн æндæр уæнгты рабæрæг-раргом кæныны нысанæн.