Коронавирусы тасы тыххæй, 16 мартæй Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æмбæстæгты бынативд рæстæгмæ урæд æрцæудзæн
Коронавирусы тасы тыххæй, 16 мартæй Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмбæстæгты змæлд рæстæгмæ урæд æрцæудзæн.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс0куысты информацийæ, фарста Гиорги Гахариайы барамындæй, премьеры специалон минæвар Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты фарстаты, Зураб Абашидзе æмæ Уæрæсейы Федералон Думайы феералон советы уæнг, Григорий Карасин телефонæй æркастысты.
«Гуырдзыстоны премьер-министры пресс0куысты информацийæ, фарста Гиорги Гахариайы барамындæй, премьеры специалон минæвар Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты фарстаты, Зураб Абашидзе абон сæумæрайсом телефонæй аныхас кодта Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæ архайæг дыууæфарсон диалогы (а.х. Прагæйы формат) фæлгæтты Уæрæсейы Федерацийы делегацийы къухдариуæггæнæг, Уæрæсейы Федералон Думайы феералон советы уæнг, Григорий Карасинимæ.
Коронавирусы тас ахæлиу зæрдыл даргæйæ, ныхасы рæстæжы æркастысты фарста цæугæ азы 16 мартæй, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмбæстæгты змæлд рæстæгмæ фæурæды тыххæй.
Банысан ис, цæмæй ацы скуыддзаг нæ бандавдзæн Уæрæсейы Федерацийы æмæ Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæм, кæцытæ равдисдзысты фæндон сæрмагонд бæстæмæ æрыздæхыны фæдыл.
Арæнæвæрдтæ не ххæссынц уæргъты зилдухмæ » – банысангонду информацийы.