Коронавирусы пандемийы тыххæй уагæвæрд  социалон æххуыс æмæ уæлбардзинæдтæ  адарддæр уыдзæн
Коронавирусы пандемийы тыххæй уагæвæрд социалон æххуыс æмæ уæлбардзинæдтæ адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа, уыцы  социаплон пакеты  фæдыл фæныхас кодта, кæцыйы  хицауад дарддæр кæндзæн.

«Фидар кæнæм  социалон-нысанон æххуыс, кæцы  нын уыд, хæдамлаиуæггæнджытæн  фыццаг уылæны  периоды, уый у  300 ларийы  бæрц æххуыс.  Райдыдтам  ацы  адæмы сфыст  уыцы компанитимæ иумæ,  кæцытæм дæр кусынц æмæ ацы  300  ларийы бæрц  æххуысæй уæлдай ма, нæхимæ исæм хæс, цæмæй  алкæцы адæймаг, кæцыйæн ис банкы кредит  нысанонæй  ацы сферæйæ,  ацы  секторы архайджытæн,  баххуыс уæм  сæ кредиты æмгъуыдтæ ахæцыны» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,   300 ларийы бæрц иухаттон æххуысæй, фыццаг уылæны рæстæджы   спайда кодта 250 мин адæймаг.

«Ацы хатт, уый тыххæй  цæмæй  сферæ  бацыбыр ис,  кæцыйы æрдæм уыдзæн ацы  æххуыс, мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уыдзæн   фыццаг уылæны  рæстæджы  цы нымæц уыдис  уый æрдæг,  зæгъæм 100-120  мин бенефициар.  Ацы арæнæвæрдтæй  уæлдайма,  алчи æмбардзыстут цæмæй  бæстæйы  экономикон кризис   кæй ис  æмæ  тынг уæззау 2021 аз нæм æнхъæлмæ кæсы. Уый тыххæй  дæр,  экономикон  кризисы  эффект  райуæрстам фактиконæй  алы æмбæстагыл  æмæ фылдæр соцаилон къордтыл,  уый  тыххæй дæр  ноджы иу хатт   дарддæр æмæ бæлвырд кæнæм  Гуырдзыстоны  хицауады  скуыддзаг,  цæмæй   цыппар  мæйы  дæргъы, коммуналон фидинæгтæ, куыд электроэнергийы, афтæ газы,  бамбæрздзæн  хицауад. Уымæй  дарддæр ма,  иуæй-иу сегасдæр  нысанон социалон æххуысы программæ,  кæцы дзæбæх куыста  фыццаг уылæны периоды,  у  формалонæй  кусæг  адæймæгтæн, кæцытæ  сæ куыстæй фæцух сты,  истой 1200 ларийы  бæрц æххуыс æхсæз мæйы дæргъы,  ацы программæ, фыццаг январæй  райдайдзæн  сæрæй æмæ  адарддæр уыдзæн æхсæз мæйы  дæргъы.  Алы адæймаг, кæцы  ацы кризисы рæстæджы фесæфта  куыст,  хъуамæ  баздæхæт  падздахадмæ,  æмæ  падзахадæй  йæм лæвæрд æрцæудзæн  æххуыс 1200 ларийы  бæрц,  æрвылмæйонæй  200 ларийы.  Ацы  æххуысæй  раззаг уылæны рæстæджы  спайда кодта 125 мин адæймаг, нæ хуъыдымæ гæсгæ, ацы  хатт  дæр  уый йас  адæм уыдзæн» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.