Коронавирусы ног цаутæй 1477 рабæрæг ис Тбилисы, 533 Имереты, 280 та Ачъарайы
Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусæй инфицирады 3 487 ног цау рабæрæг ис, 2 495 пациент та снæниз сты – Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы загъта.
Абон рабæрæггонд инфицирады 3 487 ног цауæй, Тбилисы рабæрæг ис 1477, Ачъарайы 280, Имереты -533, Квекмо Картли з 254, Шида Картли -283, Гуриа -66, Самегрело-Уæллаг Сванеты, Кахеты 153, Мцхета-Мтианеты -85, Самцхе-Джавахеты -76, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванеты -11. Ацы этапыл инфицирады активон цауты нымæц у 29 158.