Трайлерты тæрджытæн Туркæй Гуырдзыстонмæ æрбацыды домæнтæ карздæр кæнынц
Батумы Турчы генералон консулад, социалон хызагы сæрмагонд фарсыл публикаци кæны куырдиат, кæцыйы фæрцы, сæрмагонд æмбæстæгтæн зонын кæны информаци, коронавирусы тыххæй Гуырдзыстонмæ æрбахизыны рæстæджы уагæвæрд ног режимы фæдыл.
Куырдиаты банысангонд у, цæмæй уæзласæн хæдтулгæты, а.х. трайлерты тæрджыты , арæныл рахизыны рæстæджы бахъæудзæн паспорт бавдисын. Куырдиатмæ гæсгæйæ, ацы афонмæ Туркæй Гуырдзыстонмæ æрбацæуын фæдзæхст у уыцы бæлццæттæн, кæцытæ фæстаг 21 боны дæргъы уыд Китайы, Ираны, Хуссар Кореяйы кæнæ Италийы.
Куырдиатмæ гæсгæйæ, фæнсангонд мадзæлттæ гæнæн ис ивд æрцæуой.
Türk Vatandaşlarının Gürcistan'a Girişleri Bağlamında Duyuru:Koronavirüs tehlikesine karşı alınan tedbirler…
Posted by T.C. Batum Başkonsolosluğu on ოთხშაბათი, 26 თებერვალი, 2020