Трайлерты тæрджытæн Туркæй Гуырдзыстонмæ æрбацыды домæнтæ карздæр кæнынц

15:52, 27.02.2020

Батумы  Турчы  генералон консулад,  социалон хызагы  сæрмагонд фарсыл публикаци кæны  куырдиат, кæцыйы  фæрцы,  сæрмагонд æмбæстæгтæн  зонын кæны  информаци, коронавирусы  тыххæй   Гуырдзыстонмæ  æрбахизыны рæстæджы  уагæвæрд  ног  режимы фæдыл.

Куырдиаты банысангонд у, цæмæй  уæзласæн  хæдтулгæты, а.х.  трайлерты тæрджыты , арæныл рахизыны рæстæджы бахъæудзæн  паспорт бавдисын.  Куырдиатмæ гæсгæйæ,   ацы  афонмæ  Туркæй  Гуырдзыстонмæ æрбацæуын  фæдзæхст у  уыцы бæлццæттæн, кæцытæ  фæстаг 21 боны дæргъы  уыд  Китайы, Ираны, Хуссар Кореяйы  кæнæ Италийы.

Куырдиатмæ гæсгæйæ, фæнсангонд мадзæлттæ  гæнæн ис  ивд æрцæуой.

https://www.facebook.com/TCBatumBK/posts/4177811138911871

Хуыздæр