Коронавирусимæ  баст  тобæты  хай абонæй фæрогдæр ис
Коронавирусимæ баст тобæты хай абонæй фæрогдæр ис

Гуырдзыстоны коронавирусы ахæлиу маруадзыны нысанæн архайæг тобæты хайы фæрогдæры процесс дарддæр кæны. Регуляциты хай  абонæй  ивд сты.

Æнхъарæм  уын  æххæст ранымад, кæцы тобæтæ  систой Гуырдзыстоны:

  • Скъолаагъоммæ  ахуыргæнæндæттæ,  куыд  падзахадон, афтæ хицæн,  куыст сног кæндзысты  фыццаг мартæй,  дыууæ къуырийы иу  хатт æнæмæнгхъæугæ уагæй  кусджыты  20 процентæн тестæй иртæст уадзгæйæ;
  • Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, клиникон-практикон,  лабораторион практикæ сног кæнын æмæ  фæлварæнтæ æнæдистанцион  форматы дæттын  сæ бон суыдзæн   фыццаг мартæй, æрмæст ахуыры  процесс аудиториты  сног кæнын та 15 мартæй;
  • Музейтæ  æмæ  библиотекæтæ  кусын сног кæндзысты абонæй;
  • Ресторантæ мидтыгъдады кусын сног кæндзысты   сабат-хуыцаубонæй цух,  Батумы абонæй, Гуырдзыстоны иннæ рæтты та  8 мартæй;
  • Ресторанты  мидтыгъдадты  сæ  бахъæудзæнис   бæрæг рекомендацитæ  æмæ стандарттæ  лæмбынæг æххæст кæнын, кæцы бæрæг уагдæттæй  карз контролгонд уыдзæн;
  • Абонæй æмбæлгæ протоколмæ  гæсгæйæ  сног уыдзысты Конференцитæ æмæ трейнингтæ;

Тобæты  фæрогдæры  фæдылдзог этапты тыххæй  куы  зæгъæм :

  • Æнæхæлцадон иугай  базарад  сабат-хуыцаубон  хынцæгæйæ,  дзырæдуы   куыд базарадон моллты – афтæ базарты фæдыл, кусын сног кæндзысты 8 мартæй;
  • Хæххон  курорттыл  уæвæг  рæтæн фæндæгтæ   байгом уыдзысты 8 мартæй,  афтæдæр регуляцитæ  æххæст хъахъъхæнгæйæ;
  • Спортивон  залтæ  15 мартæй   бæрæг регуляцитæ  æххæстгæнæгæйæ   адарддæр кæндзысты  кусын;
  • Афтæма  15 мартæй  сног уыдзæнис  скъолаты къордты уæлæмхас ахуыр;
  • Театртæ , спортивон клубтæ, профессион  ансамбльтæ,  репетици æмæ фæлтæрæнтæ сног кæндзысты  15 мартæй, æрмæст куыст æххæстæй  сног кæнын (театралон равдыстытæм, спортивон ерыстæм  кæсджыты бауадздзысты)   фыццаг апрелæй;

Уыимæ иумæ йæ тыхы баззадис  21:00 сахатæй  сæумæрайсомы  05:00 сахаты онг  змæлдыл  тобæ.

Координацион советы  рахастам уынаффæ бæстæмæ визиторты æрбауадзынимæ баст  регуляциты  фæрогдæр кæныныл, сæрмагондæй та уыцы  бæстæты ранымадмæ, кæцыты æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны уæлдæфон  арæны уылты бæстæмæ æрбахизын  сæ бон у «PCR» тесты æппæрццаг дзуаппимæ, фыццаг мартæй  бафтыдтой  ахæм бæстæтæ; Сомихыстон, Азербайджан, Украина, Хъазахстан, Уæрæсе, Белорус.  Сурзæххон арæныл  ацы  этапыл архайæг режим нæ ивы.