Координацион совет Тбилис æмæ Руставы  байгомы  фарстайыл  уынаффæ къуырийы  кæронмæ рахæсдзæн
Координацион совет Тбилис æмæ Руставы байгомы фарстайыл уынаффæ къуырийы кæронмæ рахæсдзæн

Премьер-министр Гиорги Гахариайы   къухдариуæгæй,  æхсæнуагдонон   координацион  советы рабадт,  видео-конференцийы  форматы  ацыд.

Æхсæнуагдонон координацион  советы рабадтыл, æркастысты   мадзæлтты  фæстæдæр фæрогдæр кæныны   фарстатæ æмæ  уыцы   ардæмадтæ,  кæцыты   скусын   кæнын ис  гæнæн,  пъланæй   бæрæг  æмгъуыдтæй  раздæр,   эпидемиологион  уавæрмæ гæсгæйæ. Сæ нымæцы  дзырдæуы  Тбилисы æмæ Руставы    байгом кæныныл, кæцыйы фæдыл   скуыддзаг  ист æрцæудзæн  къуырийы  кæронмæ.

Премьер-банысан кодта экономикæйы  сæндидзын кæныны фарста, иууыл фылдæр актуалон кæны  æмæ   йæ  аскуыддзаг кæнын   амалуæвæгæйæ   рæхджы  хъæуы.  Уымæй  уæлдай ма,  Гиорги Гахариа   ноджы иу хатт  бахахх   кодта,   цæмæй   экономикæ  байгом  кæныны   процесс   адарддæр уыдзæн   æмæ  эффективон уыдзæн æрмæстдæр уыцы   цауы, кæд æмæ алкæцы  æмбæстаг, кæцыфæнды компани,  æрвылбойнон царды  æмæ  куысты  тынг бæрнон  уыдзысты, æмæ  нæхи бахиздзыстæм эпидемиологион уавæр фæфыддæрæй æмæ  уымæ гæсгæ дæр,  хицауады нал бахъæудзæн  аивгæ  арæнæвæрдтæ  ногæй   сфидар кæнын.