Координацион штаб - Абон нæм уыд цалдæр цау, кæд æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ æнæмæнгхъæугæ уыдысты волонтертæн сæхицæн баххуыс кæнынæн Курæг стæм, цæмæй æнæ штабæй архайдтытæ ма сплан кæной
Координацион штаб - Абон нæм уыд цалдæр цау, кæд æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ æнæмæнгхъæугæ уыдысты волонтертæн сæхицæн баххуыс кæнынæн Курæг стæм, цæмæй æнæ штабæй архайдтытæ ма сплан кæной

Абон нæм уыд цалдæр цауы, кæцыты бахъуыд уæззау техникæйæ пайда кæнын æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ æххæст кæнын, цæмæй волонтертæн сæхицæн баххуыс кæной. Алкæмæй дæр курæг стæм, цæмæй æнæкоординацион штабæй архайдтытæ ма план кæной, æмæ штабы куыстыл ма хъыгдарой, – уый фæдыл Гуры регионалон администрацийы арæзт координацион штабы расидæны, стыр митуарды фæдыл ис фыст.

Расидæны куыд банысангонд у, афтæмæй паддзахад алцыппæт аразы, цæмæй ныгуылæн Гуырдзыстоны цæрджытæн баххуыс кæна, сæрмагондæй та Гуры æмæ Аджарийы регионты.

«Куыд зонут, афтæмæй, æрдзон катастрофæйы тыххæй, ныгуылæн Гуырдзыстоны, уæлдайдæр та Гуры æмæ Аджарийы районты уавæр у бынтон вазыгджын». Паддзахад æппæт дæр аразы цæрджытæн баххуыс кæныны тыххæй, уый нымæцы максималон адæймагон ресурстæ æмæ уæззау техникæ мобилизаци кæнын, приоритеттæ сбæрæг кæнын æмæ хæслæвæрдтæ æмбæлон здæхты дих кæнын. Ахæм уæззау уавæры дезинформаци парахат кæнын, кæцы сæйраджыдæр æрцæуы социалон хызæгты фæрцы, æвзæрын кæны уæлæмхасæн проблемæтæ. Æнæраст информаци æвзæрын кæны æнæбындур паникæ æмæ æнæзонддзинад цæрджыты ‘хсæн, афтæ ма нысаниуæгджынæй къуылымпы кæны координацион штабы куыст. Уый ма у тынг æнæфтиаг, афтæхуыйнæг волонтерон инициативæтæн æнæ штабимæ координацийæ фæзынын, уымæн æмæ абон нæм уыд цалдæр цау, кæцыты æнæмæнгхъæуæг сси уæззау техникæйæ пайда кæнын æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ æххæст кæнын, цæмæй волонтертæн сæхицæн баххуыс кæной. «Курæм алкæмæй дæр, цæмæй æнæ Координацион штабæй архайдтытæ ма сплан кæной, ма хъыгдарой штабы куыст, æмæ ма парахат кæной æнæбæлвырдгонд информаци, кæцы фæстагмæ æрмæст нæ æххуыс кæны, фæлæ ма тынг къуылымпы кæны æмбæлон лæггæдтæн æмбæстæгтæн æххуыс кæныны процессы», — дзырдæуы Координацион штабы хъусинаджы.