Конгрессмен Алекс Муни - АИШ-Гуырдзыстоны партнерад фæтынг кæныны фоныл, райгонд дæн, нæ æмцæдисон, демократи æмæ сæрибардзиады фарсхæцæг кæй у уымæй
Райгонд дæн, цæмæй Гуырдзыстоны Республикæ æвзарæнон реформæтæм æмзæрдæ у æмæ бæлвырд кæныбарастытæ, кæцыты фæстиуæгæн фæзындзæн парламентон плюрализмы фадат – уый фæдыл АИШ-ы минæвæртты палатæйы уæнг, республикаг конгрессмен Алекс Муни «Тфиттеры» фыссы.
Муни, Гуырдзыстоны æвзарæнон системæйы фæдыл конституцион ивддзинæдты фыццаг хъусынæй райсты кой кæны.
«АИШ-Гуырдзыстоны партнерад фæтыхджындæры фоныл, райгонд дæн цæмæй нæ æмцæдисон, демократи æмæ сæрибардзиады фарсхæцæг у»- фыссы Алекс Муни.
136 хъæлæсæй фондзы ныхмæ, парламент æвзарæнон системæ ивды нысанæн бакуыст конституцион ивддзинæдтæ, сфидар кодта фыццаг хъусынæй. Хъæлæскæнынады хайад райстой хæдбар депутаттæ æмæ оппозицион фракцитæ, «Националон Змæлдæй» цух.