Германийы минæвар - Дис кæнын уыцы комментаритæй, кæцыты адæймæгтæ ме рдæм аразынц, сæйраг у конституцион ивддзинæдтæ сфидар сты, уымæй  тынг райгонд  дæн
Германийы минæвар - Дис кæнын уыцы комментаритæй, кæцыты адæймæгтæ ме рдæм аразынц, сæйраг у конституцион ивддзинæдтæ сфидар сты, уымæй тынг райгонд дæн

Дис кæнын  уыцы  комментаритæй,  кæцыты  адæймæгтæ  ме рдæм аразынц –  райхъусын кодта   Гуырдзыстоны Германийы минæвар Хуберт Книрш.

Минæвар  абон Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр  фембæлд Экатерине  Тъикъарадзеимæ  æмæ  фембæлды фæстæ,   парламент конституцион ивддзинæдтæ  кæй  сфидлар кодта  уый  фæдыл фæныхас кодта.

Минæвар куыд банысан кодта афтæмæй,   зæгъгæ уый тынг хорз къахдзæф у  фæдылдзог парламентон æвзæрстытæм, уымæн  æмæ рæзын кæны плюрализм  Гуырдзыстоны  парламенты.

«Райгонд дæн  ацы ногдзинадæй  æмæ тынг хорз къахдзæф  у  фæдылдзог парламентон æвзæрстытæм,  Гуырдзыстоны  парламенты плюрализм кæй  рæзын кæны  уый тыххæй.  Куыд Гуырдзыстоны, афтæ æндæр  бæстæты дæр, бынæттон политикон   фарстаты кæсыны рæстæджы   тынг гуырымыхъхъ  ныхæстæй æмæ жесттæй   архайынц.  Дис кæнын уыцы  комментаритæй, кæцыты  адæймæгтæ ме рдæм аразынц,  уыдон, кæцытимæ никуы  фембæлдтæн æмæ мæн тыххæй  æппын ницы  зонынц.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ фæнысангонд у  политикон    процессы  хай  æмæ   демокративон   рæзтимæ иумæ, Гуырдзыстон  ахæм митæ дæр фæуадздзæн фæстийæ.  Сæйраг у,  конституцион ивддзинæдтæ   сфидар сты,  уымæй  тынг райгонд  дæн» –   райхъусын кодта Германийы минæвар.

Фембæлды фæдыл информацийы  хъусын кæны Гуырдзыстоны  æнæнизхъахъхъæды министрад.