Конгрессмен Адам Кинзингер - æрвитæм хъæддых  сигнал Путинмæ, цæмæй хорз ахъуыды кæнæт, цалынмæ  Гуырдзыстоны хъуыддæгты йæхи фæтъыссын бахъавдзæн уæдмæ
Конгрессмен Адам Кинзингер - æрвитæм хъæддых сигнал Путинмæ, цæмæй хорз ахъуыды кæнæт, цалынмæ Гуырдзыстоны хъуыддæгты йæхи фæтъыссын бахъавдзæн уæдмæ

Гуырдзыстон  у  АИШ-ы фидар  æмцæдисон  æмæ  йæ  территорион æнæхъæндзинады  ифтонгад  у скуыддзаггæнæг  Европæйы  æдасдзинады æмæ АИШ-ы интерестæн- уый  фæдыл   АИШ-ы  минæвæртты  палатæйы  Гуырдзыстонæн  фарсхæцæг дыууæпартион   акты кæсыны  рæстæджы,   закъонопроекты иуæй-иу  раныхасгæнæг, Иллинойсы  штаты   конгрессмен, Адам Кинзингер  райхъусын кодта.

Республикаг конгрессмен документы бавдисыны раæстæджы куыд  загъта афтæмæй,   Уæрæсе   дарддæр кæны хи фæкæнд  Гуырдзыстоны политикъон  процессты æмæ цæрджыты æхсæн æвзæрын кæны  хаос.

«2008 азы  Уæрæсейы  Гуырдзыстонмæ бырсты фæстæ,  ацы  бæстæ  баст у  хифервæзын кæнынæн тохы, Путины æргом агрессийы тыххæй.  Нырид дæс  азæй  фылдæр  у  Уæрæсе   дарддæр кæны  Гуырдзыстоны хæйтты – Абхазы æмæ   Хуссар Ирыстоны оккупаци,  кæцы  Гуырдзыстоны  æппæт территорийы 20% у.  Путин  сарызта æфсæддон базæтæ,  сфидар  кодта  æмбондтæ сабырадон цæрджыты   зæххыл æмæ оккупацигонд регионты  æмæ иннæ  Гуырдзыстоны  æхсæн  дыууæрдæм змæлд арæн скодта.  Оккупацийы  тыххæй   мингай   гуырдзиаг  тыхыбын бынативгæ  уæнгæй  ссис, æмæ  сæрмагонд хæдзар фæуадзыныл нæзагъд чи ракодта уыдон та, ныр  тыхыбын сты, адæймаджы  барты гуырымыхъхъ хæлдæн бафæразын. Уый  æппæтæй  уæлдай та, Уæрæсе дарддæр кæны   Гуырдзыстоны мидполитикъон процессты йæхи тъыссын æмæ цæрджыты æхсæн хаос  тауы» – райхъусын кодта Республикаг конгрессмен.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  Гуырдзыстонæн  фарсхæцæг  дыууæпартион  акт, ноджы иу  хатт бæлвыцрд кæны  АИШ-ы  фарсхæцынад  Гуырдзыстоны  зæдбардзинад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.   Конгрессмены æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   зæгъгæ ацы  закъон президентæн дæтты бар, сфидар кæна  санкцитæ уыцы  физикъон  уæнгты  æрдæм,  кæцытæ  дæр сты  бæрнон   оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты  хæлды  фактытыл.

«Ацы закъоны райст  у фадат,  равдисæм  Гуырдзыстонæн  йæ фарс  кæй хæцæм уый.  Гуырдзыстон у уыцы   бæстæ,  кæцы  сегасæй   стыр хайбавæрд кæны  АИШ-ы  миссийы  Афгъанистаны.   Мах æрвитæм хъæддых  сигнал Путинмæ, цæмæй хорз ахъуыды кæнæт, цалынмæ  Гуырдзыстоны хъуыддæгты йæхи фæтъыссын бахъавдзæн уæдмæ» – райхъусын кодта конгрессмен.