Компани «IDS Борджомы» кусджытæ акцимæ рахызстысты. Уыдон менеджменты æрдгæй æнхърад ног контракттæ протест кæнынц. Сæ дзырдæй, зæгъгæ контракты ивд аууæлттæ ног реалондзинадимæ нæбадгæ сты æмæ нæй гаранти, цæмæй раздæры мыздтæм æрыздæхдзысты.
Сæрмгондæй та, кусджытæ куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, ног контрактты тыхбын куыстфæуагъды бонты 100% бæсты мызд у 50%, уæлæмхас куысты 140%-ы бæсты – 125%-æй. Афæтма сæ дзырдæй, зæгъгæ бынтон нал ис премиалон системæ.
Компанийы кусджытæ цæттæ сты ног контракттæ бафыссынмæ æрмæст уыцы ныфсæй, ома заводы скуыстимæ иумæ, раздæры уавæртæ æрздахдзысты. Акцийы хайадисджытæ ацы деталтыл æрныхас кæнынæн, менеджментимæ фембæлын курынц, цæмæй деталонæй базоной, цы уавæр ис «Борджомы» тыххæй.