Коммуникациты националон камис, пайдагæнджытæн интернеты гъæдбарæн механизм скусын кæндзæн
Фиксиргонд интернеты базарыл иттæг уæззау уавæр ис, пайдагæнджытæм лæвæрд цæуы ныллæг гъæды интернет æмæ æргътæ та æнæадекватон сты – ацы фидиуæны коммуникациты националон камисы сæрдар Каха Бекаури абоны рабадтылсарызта, кæцыйыл коммуникациты националон камис ауагъдта байхъуыст интернет-лæггады хъæды бæрæгкæныны æмæ басгæрсты фæтк сбæлвырд кæныны фæдыл.
Камисы сæрдары фидиуæнæй, интернеты гъæды катнтролы механизм куы скусдзæн уый фæстæ, иу нæг пайдагæнæг др нал уыдзæн зæрдæцъæх æмæ растдæр уый уыд камисы нысан æмæ рард.
«Камисы нырид 10 мæйы дæргъы æххæст кæны иттæг нысаниуæгджын процесс. Проект, кæцыйыл абон ныхас кæнæм æвзæрын кæны интернеты гъæды кантролы механизм. Ацы проеккты фæрцы пайдагæнæг нысаниуæгджынæй фæхуыздæр кæндзæн интернеты гъæд. Сæрмагондæй та йæм уыдзæн инструмент, кæцыйы фæрцы регуляронæй сбардзæн æиæ йæ абардзæн, цас рæстмæ у йæхи æмæ провайдер компанийы æхсæн къухбафыст бадзырдæй зæрдылдард интернеты тагъдад æмæ реалон тагъдад. Аппликацийы рафыссын кæцыйы фæрцы интернеты гъæд сбардзысты, камисы веб-фарсæй уыдзæн гæнæн æмæ пайдагæнæгæн боны цыфæнды хайы, йæ бон уыдзæн интернеты гъæд кантрол кæна» – райхъусын кодта коммуникациты националон камисы сæрдар Каха Бекаури.
Нысаниуæгджын у, цæмæй системæйы æрфидар кæныны фæстæ, камис 24 сахатон режимы дардзæн йæ цæст процессмæ æмæ пайдагæнæджы интерестæ æххæстæй хъахъхæд уыдзысты. Камисы сæрдары фидиуæнæй, системæйы скусын кæныны фæстæ, пайдагæнджытæн нал бахъæудзæн камисмæ хъастбахæссын, фæлæ фæндоны цауы сын уый бар уыдзæн.
Уыцы факт цæмæй интернеты гъæды проблемæ ис, иуы æрдгæй зæрдæхудт абонентты нымæцы æмæ иннæ рдгæй та, уыцы бадзырдæй бæлвырд у, кæцы провайдкерты æмæ абонентты æхсæн æрцыд къухбафыст.
«Бирæ хæттыты загътон, цæмæй мæ боны фæткы сæйраг фарст у, фиксиргонд интернеты базарыл куыд гæнæн ис афтæ тагъд, эффективонæй æмæ растæй раивæм ситуаци уый тыххæ, цæмæй фæхуыздæр кæнæм уавæр æмæ æргътæ æмæ интернеты гъæд адекватон уа кæрæдзиимæ» – загхта Каха Бекаури.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны коммуникациты националон камисы пресс-куыст.