Къобахидзе Иракъли -  оптимизмæй æнхъæлмæ кæсын АИШ-ы ног минæвармæ, ныфс мæ ис радикалонæй фæивдзæн  уыцы политикæ, кæцыйы йæ развæдгæнæг æххæст кодта
Къобахидзе Иракъли - оптимизмæй æнхъæлмæ кæсын АИШ-ы ног минæвармæ, ныфс мæ ис радикалонæй фæивдзæн уыцы политикæ, кæцыйы йæ развæдгæнæг æххæст кодта

Оптимизмæй  æнхъæлмæ ксын   ног минæвармæ,  цытджын  Робин Даниганмæ. Ныфс мæ и, уый радикалонæй фæивдзæн   уыцы политикæ кæцыйы йæ  развæдгæнæг  Келли Дегнан  æххæст кодта,  –  уый фæдыл парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Къобахидзе Иракълэ фехъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ  Гуырдзыстоны  Келли Дегнаны  куыст   контрпродуктивон  уыдис.

«Зонут, цæмæй  раздæры минæвар   тынг æппæрццаг  роль сыххæст кодта гуырдзиаг-америкаг   ахастыты  райтынг кæныны цæстæнгасæй.  Хъыгагæн, йæ  куыст   контрпродуктивон  уыдис. Тынг стыр ныфс мæ ис, ног минæвар  радикалонæй   фæивдзæн  ацы  ахаст æмæ йæ   минæварæй  уæвыны уавæрты  гуырдзиаг-америкаг  ахастытæ фæарфдæр уыдзысты. Стыр интересæй  æнхъæлмæ кæсын ног минæваримæ æмгуыстадмæ» – райхъусын кодта Къобахидзе.

Уыимæ ма  Къобахидзейы бафарстой, куыд  аргъ скæнид  Америкæйы ног минæвары фæдыл змæлд «Халхис Дзалайы»  фидиуæнæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы: «минæвар  Робин Даниган  йæхæдæг уыдис баст  «Майданы» революцийы  организацидзинады. Уымæн хæстæг ахастытæ ис  куыд  Нуландимæ, афтæ  Ермакимæ æмæ Арахамиаимæ».

«Уыдонæн сæхи  зæрдæхсайдтæ ис. Уыдон æнхъæлынц, цæмæй ис рискъытæ, æз та хъуыды каæнын, цæмæй   ног минæвары уавæрты  оптимизмы  бындур нын ис.   Тынг стыр ныфс мæ ис, цæмæй  Робин Даниганимæ  уыдзæн   диссаджы æмгуыстад, кæцы  гуырдзиаг-америкаг   ахастытæ хъуамæ  фæарфдæр кæна.   Æнцон  проблемæтæ  нæ уыд, кæцыты  раздæры минæвар сæвзæрын кодта  гуырдзиаг-америкаг  ахастыты. Ныфс мæ ис, ног минæвары  уавæрты  уый æппæт радикалонæй  разилдзæнис», –  райхъусын кодта  Къобахидзе Иракъли.