Иракъли Къобахидзе – бонджын «æнæхицауадонтæ» архайынц, АИШ-ы ног минæварæн  ахастытæ ногæй рацаразыны  фадат ма раттой
Иракъли Къобахидзе – бонджын «æнæхицауадонтæ» архайынц, АИШ-ы ног минæварæн ахастытæ ногæй рацаразыны фадат ма раттой

Бонджын æнæхицауадонтæ  архайынц, АИШ-ы ног  минæварæн ахастытæ ногæй рацарзыны  фадат ма раттой  æмæ уый бакомкоммæ  ацы ахастытæн исты амæлттæй  разнаггад кæной, – уый фæдыл  парти «Картули Оцнебайы»  сæрдар Иракъли Къобахидзе  абоны  брифингыл  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ ныфс дары, минæвар Робин Данниганæн  дæр уыдзæн активон реакци  алы уыцы архайдыл, кæцы  дыууæ падзахады æхсæн  ахастыты  фæарфдæры ныхмæ уыд арæзт.

Къобахидзе Иракъли скритикæ кодта æнæхицауадон организациты къорды  публикацигонд фидиуæн, кæцымæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны  хицауад  америкаг  сакнциты æнæреакцийæ  уадзы.  Къобахидзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ  гуырдзиаг фарс æнæ иу  хатт  куырдта америкаг фарсæй   равдыстаит   тæрхонгæнджыты кæнæ Парцхаладзейы  ныхмæ  санкциты  фидаргæнæн   бæлвырдгæнæнтæ, фæлæ æнæфæстиуæгæй.

«Дыууæ къуырийы размæ  Гуырдзыстонмæ æрцыд   Америкæйы  Иугонд Штатты  ног минæвар,  Робин Данниган, кæцыимæ нæ  хицауады  бæрзонддæр  инæвæрттæ нырид ауагъдтой  тынг  продуктивон   фембæлдтæ.   Ис нын оптимизмы  фидар бындур, ома Робин Данниганы минварæй уæвыны периоды, гуырдзиаг-америкаг  стратегион  партнерад  нысаниуæгджынæй   фæарфдæр уыдзæн.  Ацы уавæры,  бонджын   æнæхицауадонты фидиуæн у минæвары  æвæрццаг тыхархайды  ныхмæ къахдзæф, кæцыйы  æргом  нысан у, гуырдзиаг-америкаг  ахастыты  æнæфæндон æнæмбарындзинад мафесафын у,»- райхъусын кодта Къобахидзе.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ,  фыстæджы  публикацийæн йæ нысан у  ног  минæваримæ  ахастыты ног рацаразыны  фадат  ма раттын Гуырдзыстоны хицауадæн.

«Ныфс нæ ис Робин Данниганæн дæр уыдзæн активон  реагиркæнын алы уыцы архайдыл, кæцы дыууæ паддзахады æхсæн ахастыты фæарфдæр кæныны ныхмæ у.  Уырнæг стæм  цытджын Робин  Данниганы минæварæй уæвыны  периоды, гуырдзиаг-америкаг  ахастытæ  æмæ стратегион   партнерад нысаниуæгджынæй фæарфдæр уыдзæн, цæй тыххæй  дæр  фæткдæттæг  бал  йæхи æрдгæй тыхархайдыл нфæцауæрддзæн», – райхъусын кодта  Къобахидзе.