Къобахидзе Иракъли - нæй гæнæн «Халхис Дзалайы» дыууæдæр закъонопроектыл уа æппæрццаг хатдзæг, уый тыххæй дæр иу кæнæ иннæ закъоны æнæмæгæй райсдзыстæм, уæдмæ та банхъæлмæ кæсдзыстæм Венецийы Комиссийы хатдзæгмæ
Парти «Картули Оценбайы» сæрдар Иракъли Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ «Халхис Дзалайы» инициргонд дыууæдæр варианты фыццаг байхъуыстæй уыдзæн ист æмæ стæй документты Венецийы Комиссимæ арвитдзысты.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ адарддæр уыдзæн уыцы варианты кæсын, кæцыйы фæдыл Венецийы Комиссийы æрдгæй æвæрццаг хатдзæг уыдзæн.
«Алы цауы хатдзæг уыдзæн бавдыст закъонопроекты деталты фæдыл. Ничи зæгъдзæн цæмæй æргомдзинад нæ бæззы. Гæнæн ис уа хицæн комментаритæ иу кæнæ иннæ, кæнæ та дыууæдæр закъоны тыххæй, ацы комментаритыл фæуынаффæ кæндзыстæм, фæлæ Кæй зæгъын æй хъæуы, априори нæй гæнæн цæмæй иу кæнæ иннæйыл, кæнæ та дыууæйыл дæр бавдыст уа æппæрццаг хатдзæг. Гæнæн ис æрмæст деталты тыххæй уа бæрæг фиппаинæгтæ кæнæ рекомендацитæ.
Венецийы комисси нæу политикон оран, у барадон экспертизæйы уагдон. Уый тыххæй дæр, цæй зæгъын æй хæъуы Венецийы комисси нæ зæгъдзæнис, цæмй закъон ма хъуамæ райсæм, уæлдайдæр ам дзырдæуы æрмæст æргомдзинадыл», – загъта Иракъли Къобахидзе.