Къоба Гвенетадзе - «ТВС Банкъы» пайдагæнджыты интерестæ раст уыййас гъæдæй хъахъъхæд сты, раздæр куыд уыд афтæ
«ТВС Банкъы» пайдагæнджыты интерестæ растæ уыййас гъæдæй хъахъъхæд сты, раздæр куыд уыд афтæ – уый фæдыл Националон Банкъы президент, Къоба Гвенетадзе райхъусын кодта «ТВС Банкъы» бындурæвæрджыты Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы аххосагы фарстайыл комментарийы рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Националон Банкъ зæгъгæ куы регулятор, «ТВС Банкъ-имæ» хуымæтæг режимæй кусы.
«Хазарадзейы æмæ Джапаридзеимæ баст информацимæ гæсгæ, хъуыды кæнын, фарстытæ кæытæ уæм ис, хузыдæр у ратта фæдæвзарæг уагдæттæн. Цыдæриддæр та «ТВС Банкъмæ» æххæсы зонут æй, цæмæй мах банкъхимæ кусæм хуымæтæг режимы, куыд регулятор афтæ. Фæнды мæ ноджы иу хатт бахахх кæнын, цæмæй банкъ у иуæй-иу амалхъом æмæ фидар финансон инститцт æмæ банкъы пайдагæнджыты интерестæ, раст уыййас хъахъъæд сты раздæр куыд уыд афтæ» – райхъусын кодта Къоба Гвенетадзе.
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы информацийæ, Хаст у уынаффæ Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы аххосдзинады тыххæй, се æрдгæй, къордгай, 16 754 000 америкаг доллары æнæзакъонон æфтиагы легализацийы фактыл, кæцыимæ æфтыд ис сæрмагондæй егъау бæрцæй æфтиаг райст, фыдракæнд нымадмæ ист у Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 194-æм статийы 2-аг хайы «А» æмæ 3-аг хайы «Г» дæлпункттæй.