«Ивæндзинæдты коалицийы» уæнг Къоба Хабазийыл бабырст сыххæст.
Къоба Хабази йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй партийы офисæй рацæугæйæ йæм æрбабырстой 50 адæймаджы бæрц.
«Офисæй лифтæй дæлæмæ цыдтæн, бацæуæны ис асинтæ, æмæ сау дарæсы æмæ маскæты уыдысты 50 адæймаджы бæрц. Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ басгæрсты сты, кæнæ цыдæр, мæ хъус нæ дардтон, фæлæ мæ куыддæр ауыдтой, афтæ мæ фæдзырдтой, фæстейæ мæ ныццавтой, къæсæрыл æрхаудтæн. Уый фæстæ мæ æнæрлæугæйæ ныццавтой 10 минуты бæрц, чидæр ма мæ сæрыл дæр ныццавта. Уыдон æрцыдысты ахæм хæсимæ, цæмæй амарой зындгонд адæймаджы, æвзæрын кæной террор, тæрсын кæной, уый уыд нысан. Ферох сæ кодтой, уый мæнæн фыццаг хатт кæй нæу, уый дыууæ хатты æрцыд æмæ дыууæ хатты дæр мæ ныццæвын æркодта революцимæ. Ацы æнæлæгтæ тынг æвзæрæй фæуыдзысты, æз бирæ федтон Гуырдзыстоны, рацыдтæн Украинайы уылты æмæ бæлвырдæй зонын, цæмæй сæрибардзинадыл тохгæнæг адæмы фæтæрсын кæнæ фæуæлахиз кæнын нæй гæнæн», – расидтис Къоба Хабази.