Клиникæ Ингорохъвайы сидынц, цæмæй дыууæ æнахъомы æнæниздзинады уавæр, кæцыты Поничъалайы хæлддзæгтæй ракодтой, зæрдæмæдзæугæ у

10:53, 20.11.2026

Клиникæ Ингорохъвайы клиникон директор Кахабер Чъелидзейы ныхасмæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ объекты ис дыууæ пациент: 11-аздзыд лæппу æмæ æртæ азы æмæ 9 мæйдзыд чызг.

Уый фехъусын кодта, дыууæ сывæллоны дæр кæй сты зæрдæмæдзæугæ уавæры æмæ цæуынц медицинон  басгæрстытæ.

“Абон ацы пациенттæн æххуысы процессмæ иунæг бафтауæг у психологон æххуыс. Рынчындонæй сæ рафысты  тыххæй та, нырма раджы у ууыл дзурын, цалынмæ нæ райсдзыстæм  æппæт хъæугæ бæрæггæнæнтæ, цæмæй сæ æдасæй  æрвитæм сæ хæдзæрттæм. Æртæ азы æмæ фараст  мæйы кары чызгæн йæ бон уыд ныхас  кæнын  трагедийы, зæгъæн ис алы лыстæг хабæрттæм гæсгæ йæ физикон уавæры фæдыл, иунæг цæф уыд йæ галиу зонгуытыл чысыл травмæ нæ бахъуыд медицинон æххуыс» – райхъусын кодта Кахабер Чъелидзе.

 

Хуыздæр