Китайы минæвар – куыд стратегион партнер, Китай кæддæриддæр удцырын у баххуыс кæна Гуырдзыстонæн социалон-экономикон райрæзт фæзуыздæры
ГуырдзыстоныКитайы минæвар Чжоу Цзян Гуырдзыстон-Китайы æхсæн стратегион партнерады фæлгæтты сæххæст къахдзæфтыл фæныхас кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ Китай кæддæриддæр удцырын у баххуыс кæна Гуырдзыстонæн социалон-экономикон райрæзт фæхуыздæры.
«Мах сифтонг кодтам горæт Гурæн финансон æххуыс, цæмæй фæхуыздæр уа социалон хуызы ифтонггæрзтæ горæт алыварс æмæ хъæуты. Стратегион партнерад сфидар кæныны фæстæ Гуырдзыстоны хицауады æххуыс, райрæзын кæны банæттон социалон æмæ экономикон хуызы ифтонггæрзтæ, дыууæфарсон ахастыты нысаниуæгджын хай у. Афтæдæр ма нæ фæнды, равдсиæм нæ фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.Уый у нæ дыууæфарсон стратегион ахастыты бындур. Афтæма, мæ фæнды, банысан кæнын, ома Ковиды рæстæджы Китай сифтонг кодта 200 000-æй фылдæр вакцинæ Гуырдзыстонæн æмæ Гуырдзыстоны цæрджытæн. Ацы рæстæджы АИШ æмæ Европæйы бæстæтæ тобæ кодтой вакцинæйы экспорт. Афтæма, Китай Гуырдзыстоны хицауадæн бадæтта ковиды рæстæджы 1,5 милуан доллары аргъы æххуыс, уый нымæцы маскæтæ æмæ вентилятортæ ковиды фæыстиуджытыл фæтыхуыны, экономикæ фæстæмæ къæхтыл слæууын кæныны нысанæн. Куыд стратегион партнер, Китай кæддæриддæр удцырын у, баххуыс кæна Гуырдзыстонæн йæ цæрджыты социалон-экономикон райрæзт фæхуыздæры» – райхъусын кодта Китайы минæвар.