Китайы минæвар – астæу къæлидоры  проект  æнтыстджынæй куы сыххæст уа, Гуырдзыстоны  экономикон  рæзынадæн  уыдзæн  егъау стимул, сæрмагондæй та логистикæйы сферæйы
Китайы минæвар – астæу къæлидоры проект æнтыстджынæй куы сыххæст уа, Гуырдзыстоны экономикон рæзынадæн уыдзæн егъау стимул, сæрмагондæй та логистикæйы сферæйы

Украинайы кризис  райдаыны фæстæ  иууыл  фылдæр хъæуындзинад ис, цæмæ  бцагуырдæуа  Европæ æмæ Азийы  кæрæдзиимæ  сиугæнæг   ног фæндæгтæ, кæцытæ  нал уыдзысты  Уæрæсейы уылты, уый тыххæй   хъуыды кæнын, цæмæй астæу къæлидоры   райтынгæн  тынг  дзæбæх перспективæ  ис. – уый фæдыл  журналисттæн   Гуырдзыстоны, Китайы   минæвар Чъоу Циен.

Йæ дзырдæй   зæгъгæ астæу кæълидоры   æнтыстæн æнæмæнгхъæугæ у, уым хайад райсой  Евроцæдис æмæ  Китай.

«Объективонæй  куы зæгъæм,  астæу къæлидорæн  тынг дзæбæх  перспективæ ис. Гуырдзыстонæн   пайдаджын    географион равæрд ис  æмæ афтæдæр  нысаниуæгджэын фактор у,   цæмæй Украинайы   кризис райдаыны фæстæ  иууыл  фылдæр  хъæуы  бацагуырдæуы  Европæ æмæ Азийы  кæрæдзиимæ  иугæнæг   ног   фæндæгтæ, кæцытæ нæ уыдзысты Уæрæсейы уылты.  Уый тыххæй  хъуыды кæнын  цæмæй астæу  къæлидорæн ис тынг дзæбæх песрпективæ.  Фæлæ ис иу  фактор  иттæг нæсаниуæгджын –  астæу  къæлидоры  æнтыстæн æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй уым  хайад райсой  Евроцæдис æмæ Китай. Евроцæдис æмæ Китайæ цух  астæу къæлидорæн нæ уыдзæн  æгъгъæд  функци, уымæн æмæ  Китайы  Азийы   сегасдæр егъау  экономикæ у, Евроцæдис та Еврпопæйы  сеппæтæй стыр экономикæ, уый тыххæй  æнæмæнгхъæугæ  у  сæ хайад ацы проекты, кæцы   пайдаджын уыдзæн  Хъазахстанæн, Азербайджанæн, Гуырдзыстонæн æмæ йæ хайадисæг алы  бæстæйæн», –   райхъусын кодта  Китайы  минæвар.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ астæу къæлидоры  проект æнтыстджынæй куы сыххæст уа, уый  уыдзæн Гуырдзыстоны  экономикон  райрæзтæн егъау стимул, сæрмагондæй  та лоогистикæйы сферæйы æмæ  логистикæ  суыдзæн Гуырдзыстоны  экономикæйы иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын æрдæмад.

«Уымæй  дарддæр ма, астæу къæлидорæн бирæ иумæйаг ис  Китайы  «Иу рон –иу фæндаджы»  инициативæимæ  æмæ уый тыххæй   ис  гæнæн сæ  кæрæдзиимæ сбæттын. Фæлæ  æцæгæй куы зæгъæм, астæу  къæлидоры проекты сыххæст кæнын æнцон нæу. Сæрмагондæй  нысаниуæгджын у  æфсæнвæндагон   инфраструктурæйы стынг кæнын. Гуырдзыстоны  æфсæнвæндагон æмæ проектты инфратсруктурæ  нырма нæу  æмбæлон æмвæзадыл, кæцыйæн хъæуы   стыр инвестицитæ.  Китай æмæ Гнуырдзыстонæн  тынг дзæбæх фæлтæрддзинад ис   инфраструктурон     арæзтаджты æрдгæй  æмгнуыстады  æмæ   цæттæ стæм  хайад райсæм Гуырдзыстоны  инфраструктурæйы  дарддæр фæхуыздæр кæныны», – банысан кодта Китайы минæвар.