Китайы минæвар хъусын кæны, цæмæй Китай Уæрæсейæн Украинайы хæсты æххуысæн, хæцæнгарз æмæ хæцæн æрмæджытæй нæ баххуыс уыдзæн
Украинайы хæстæн æххуысы тыххæй, Китай Уæрæсейæн хæцæнгарз æмæ хæцæн æрмæджытæ нæ арвитдзæн, – уый фæдыл АИШ-ы Китайы минæвар, Цзин Ган «Сибиэсимæ» интервьюйы райхъусын кодта. Информацийы уый тыххæй хъусын кæны «ВВС».
Китайаг дипломаты дзырдæй, зæгъгæ Пекин алцыппæт сараздзæн кризис дээскалацийы тыххæй.
АИШ-ы Китайы минæвары фидиуæнæй, ныгуылæны æхсæнадон фауд кризис аскуыддзагæн къухаразæг нæу æмæ хъæуы «дзæбæх дипломати».
Пекин нæзагъд ракодта ивгъуыд къуырийы информацийыл уый фæдыл, ома цæттæ уыдис Мæскуыйæн хæцæнгарз бадæттын æмæ йæ «дезинформацийæ» схуыдта.
Уæдмæ АИШ-ы президент Джо Байден бафæдзæхста йæ китайаг коллегæ СИ Дзинпины, цæмæй кæд Пекин материалонæй баххуыс уыдаит Уæрæсейæн, уæд уыдаит «фæстиуджытæ».