Китайы минæвар – астæу къæлидоры проект æнтыстджынæй куы сыххæст уа, Гуырдзыстоны экономикон рæзынадæн уыдзæн егъау стимул, сæрмагондæй та логистикæйы сферæйы
Украинайы кризис райдаыны фæстæ иууыл фылдæр хъæуындзинад ис, цæмæ бцагуырдæуа Европæ æмæ Азийы кæрæдзиимæ сиугæнæг ног фæндæгтæ, кæцытæ нал уыдзысты Уæрæсейы уылты, уый тыххæй хъуыды кæнын, цæмæй астæу къæлидоры райтынгæн тынг дзæбæх перспективæ ис. – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны, Китайы минæвар Чъоу Циен.
Йæ дзырдæй зæгъгæ астæу кæълидоры æнтыстæн æнæмæнгхъæугæ у, уым хайад райсой Евроцæдис æмæ Китай.
«Объективонæй куы зæгъæм, астæу къæлидорæн тынг дзæбæх перспективæ ис. Гуырдзыстонæн пайдаджын географион равæрд ис æмæ афтæдæр нысаниуæгджэын фактор у, цæмæй Украинайы кризис райдаыны фæстæ иууыл фылдæр хъæуы бацагуырдæуы Европæ æмæ Азийы кæрæдзиимæ иугæнæг ног фæндæгтæ, кæцытæ нæ уыдзысты Уæрæсейы уылты. Уый тыххæй хъуыды кæнын цæмæй астæу къæлидорæн ис тынг дзæбæх песрпективæ. Фæлæ ис иу фактор иттæг нæсаниуæгджын – астæу къæлидоры æнтыстæн æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй уым хайад райсой Евроцæдис æмæ Китай. Евроцæдис æмæ Китайæ цух астæу къæлидорæн нæ уыдзæн æгъгъæд функци, уымæн æмæ Китайы Азийы сегасдæр егъау экономикæ у, Евроцæдис та Еврпопæйы сеппæтæй стыр экономикæ, уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у сæ хайад ацы проекты, кæцы пайдаджын уыдзæн Хъазахстанæн, Азербайджанæн, Гуырдзыстонæн æмæ йæ хайадисæг алы бæстæйæн», – райхъусын кодта Китайы минæвар.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ астæу къæлидоры проект æнтыстджынæй куы сыххæст уа, уый уыдзæн Гуырдзыстоны экономикон райрæзтæн егъау стимул, сæрмагондæй та лоогистикæйы сферæйы æмæ логистикæ суыдзæн Гуырдзыстоны экономикæйы иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын æрдæмад.
«Уымæй дарддæр ма, астæу къæлидорæн бирæ иумæйаг ис Китайы «Иу рон –иу фæндаджы» инициативæимæ æмæ уый тыххæй ис гæнæн сæ кæрæдзиимæ сбæттын. Фæлæ æцæгæй куы зæгъæм, астæу къæлидоры проекты сыххæст кæнын æнцон нæу. Сæрмагондæй нысаниуæгджын у æфсæнвæндагон инфраструктурæйы стынг кæнын. Гуырдзыстоны æфсæнвæндагон æмæ проектты инфратсруктурæ нырма нæу æмбæлон æмвæзадыл, кæцыйæн хъæуы стыр инвестицитæ. Китай æмæ Гнуырдзыстонæн тынг дзæбæх фæлтæрддзинад ис инфраструктурон арæзтаджты æрдгæй æмгнуыстады æмæ цæттæ стæм хайад райсæм Гуырдзыстоны инфраструктурæйы дарддæр фæхуыздæр кæныны», – банысан кодта Китайы минæвар.