Китайаг космикон станцæ «Тяньгун -1» атмосферæмæ æрбатæхыны рæстæджы басыгъд
Америкаг æмæ китайаг хыгъдлæвæрдтæм гæсгæ, китайаг космикон станцæ «Тяньгун-1» Зæххы атмосферæмæ æрбахизыны рæстæджы зæгъæн ис æнæхъæнæй ныппырх æмæ басыгъд.
ВВС куыд фыссы аыфтæмæй, космикон лабораторийы хæйттæ, кцытæ сæрыфыццагæй аст тоннæмæ æххæссыдысты, Сабыр Океаны хуссар хайы ныххаудысты.
Зæхха атмосферæмæ «Тяньгун-1» æрбахызт боныцъæхыл, цы ран йæ стыр хай скуынæг ис æмæ Зæххы онг нал фæхæццæ ис.
«Тяньгун-1» ауагъдтой 2011 азы æмæ уый фæрцы орбитæйыл экспертименттæ ххæст кодтой. Китайы нысан уыд 2022 азмæ, космикон станцæйы самайын. 2016 азы онг космикон нау сфысым кодта æртæ миссийæн. 2016 азы та Китайы космикон агентад «Тяньгун-иуыл» контрол æрбайсæфта. Уый фæстæ ахуыргæндтæ науы æрхады датæ æмæ бынат рабæрæг кæныныл куыстой.