Киевыл 8 июлы Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 34-ы онг райрæзт
Киевыл 8 июлы Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 34-ы онг райрæзт

Украинæйы  сæйраг горæт Киевыл 8 июлы Уæрæсейы ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 34-ы онг  райрæзтис.  Уый фæдыл  информаци хуъсын кæны  Киевы горæты  æфсæддон администраци.

Украинаг медиайы хъусинагæй,  Уæрæсейы  бырсты  нысан «Охматдеты»  сабион рынчындон ссис, кæцыйы  дыууæ адæймаг амард. Бомбæкалды фæстиуæгæн  афтæдæр   Киевы  Шевченкойы районы  бæстыхайы  иу  хай æнæхъæнæй  скуынæг ис, кæцыйы  фæстиуæгæн   13 адæймаг амард.

«Доминойы» бизнесцентры  базиан кæныны фæстиуæгæн авд адймаг амард. Фараст  адæймаг амард Уæрæсейы  ракетон хафты фæстæ  «Адонисы» клиникæйы  хайгай  скуныæгы рæстæджы.