Киевы ракетон бырсты  фæстиуæгæн иу адæмаг амард,  ис дзы цæфтæ дæр
Киевы ракетон бырсты фæстиуæгæн иу адæмаг амард, ис дзы цæфтæ дæр

Хуырыссаг  тыхтæ,  Киевыл ракетон хафт ракодтой. Медийы информацийæ,   амард  иу адæймаг.

Сæйраг горæты мэр, Витали  Кличкойы  фидиуæнæй,   боныцъæхыл  хуырыссæгтæ Киевы æрдæм цалдæр   ракетæ  фехстой, кæцыты  хай уæлдæфон иргъæфы  системæтæ  æрыппæрстой.  Мэры дзырдæй,  ракетæтæй сæ иу Шевченковскы сыхы цæрæн хæдзарыл сæмбæлд, кæцыйв кæлддзæгты бын  фесты сабыр  æмбæстæгтæ.

Кличкойы  информацийæ, госпитализацгонд сты  дыууæ адæймаг. Бынатыл нырма дæр кусынц  ирвæзынгæнæг  бригадæтæ.

Уыимæ, медийы  хъусинагæй, ноджы иу ракетæ æрхауд рæвдауæндоны  территорийыл.